Григалашвили Тато (81 кг) Подгорицайы цæугæ Европæйы чемпионаты дзюдойæ æвзист майдан рамбылдта – гуырдзиаг финалы фæхæрд ис уæрæсейаг Тимур Арбузовæн, кæцы нейтралон тырысайы бын ерыс кодта, юкойæ.
Турниры абон ерыс кæнæг æртæ дзюдоист – Лука Маисурадзе, Гиоргий Джабниашвили (дыууæ дæр – 90 кг) æмæ Мариам Чъантуриа (70 кг) – фæцис æнæ майданæй.
Бакой уын кæндзыстæм, Европæйы чемпионаты æртæ боны фæстæ, Гуырдзыстоны æмбырдгондæн йæ хыгъды ис æртæ майдан – 21 аздзыд Гиорги Сардалашвили Европæйы чемпион ссис, Этер Липартелиани æмæ Тато Григалашвили та æвзист майдан рамбылдтой.