Джуаншер Бурчъуладзе Гуырдзыстоны визитæй уæвæг Румынийы хъахъхъæнынады тыхты штабы хистæр инæлар Даниел Петрескуимæ фембæлдис
Гуырдзыстоны официалон визитæй уæвы Румынийы хъахъхъæнынады тыхты штабы хистæр, инæлар Даниел Петреску. Петрескуйæн сфысым кодта Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе.
Фембæлдыл фарсытæ регионы уæвæг æдасдзинады уавæр æмæ быцæусидтытæ афлæгæстой. Ныхасы рæстæджы сæрмгаонд хъусдард здæхт уыдис Сау Денджызы регионы стабилондзинады æмæ рæзынады нысаниуæгмæ, регионы Гуырдзыстоны æмæ Румынийы æхсæн хъахъъхæнынады сферæйы дыууæфарсон æмгуыстады рæзгæ динамикæмæ æмæ фидæны перспективæтæм. Хаххгондæй банысани НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты (SNGP) нысаниуæгджын роль æмæ пакеты инициативæты æнтыстджын сæххæсты Румынийы хайбавæрд.
Визиты фæлгæтты Румынийы хъахъхъæнынады тыхты штабы хистæр инæлар Даниел Петреску НАТО-йы сæйраг къордæ æмæ НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды центры (JTEC) минæвæрттимæ фембæлдис, кæцы рæстæджы НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакеты (SNGP) инициативæты сæххæсты фæдыл фæныхас кодтой.
Афтæма абон румынаг инæлар Вашлиджварийы специалон операциты тыхты базадæр абæрæг кодта. Румынийы генералон штабы хистæр, инæлар даниел Петреску Хъайтарты Фæзыл Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн тохы фæмардуæвджыты ном ссардта минутон æнæсдзырдæй æмæ мемориалмæ дидингуытæ бахаста.
Информаци хъусын кæны хъахъхъæнынады министрады пресс-куыст.