Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе, Гуырдзыстоны АИШ-ы ногнысангонд сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Робин Данниганæн, хъахъхъæнынады уагдоны сфысым кодта.
Министр минæварæн Гуырдзыстоны дипломатон мисси райдаыны фæдыл раарфæ кодта. Фембæлды райдайæны бахахх ис Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы 30 азон стратегион партнерад. Хъусдард здæхт уыдис гуырдзиаг æмæ америкаг æфсæддæтты, уæхскæй-уæхскмæ хæцыны фæлтæрддзинад иумæйаг операциты.
Фарсытæ фæныхас кодтой Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады æмæ уромынхъомад стынг кæнынын иницитивæйы сыххæсты процессыл, кæцы америкаг фарсæй æвæрццаг аргълæвæрд райста. Банысан ис АИШ-Гуырдзыстоны бирæнацион ахуырты позитивон динамикæ, кæцы бæрзонддæр кæны хъахъъхæнынады тыхты проыфесионализм æмæ кæрæдзиимæ æмбынатиндзинады æмвæзад. Ныхас уыд АИШ-Гуырдзыстоны дыууæфарсон æмгуыстады æрдæмадтыл дæр.
Хъахъхъæнынады министр АИШ-ы хицауады æмæ америкаг адæмæн арфæгæнæг кæй у уый равдыста хъахъхъæнынады тыхы фарсхæцыны нысанæн æххуысы тыххæй æмæ ныфсытæ радзырдта, цæмæй бæстæты æхсæн хъахъхъæнынады сферæйы партнерад фидæны ноджы стынгдæр уыдзæн.