Джуаншер Бурчъуладзе æртæфарсон хъахъхъæнынады министериалы фæлгæтты азербайджайнаг коллегæимæ фембæлдис

19:55, 27.11.2023

 

Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе  визитæй  уæвы Азербайджаны.

Уагдоны информацийæ  министериалы  фæлгæтты, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр  Джуаншер Бурчъуладзе  Азербайджаны  Республикæйы  хъахъхъæнынад министр  инæлар-булкъон  Закир   Хасановимæ  фембæлдис.

«Азербайджаны æмæ Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министртæ  2024 азы  дыууæфарсон  æмгуыстады  план бафыстой.  Джуаншер Бурчъуладзе  Азербайджайнаг  коллегæйæн раарфæ кодта  Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны æртæфарсон  хъахъхъæнынады министериалы фысымдзинады тыххæй.  Уый банысан кодта, цæмæй  регионы æдасдзинадæн стыр нысаниуæг ис   бæстæты  æхсæн  уæвæг   цытлæвæрдæн, хæларсыхагон  ахастытыл æмæ æууæнкыл  бындурæвæрд æмгуыстьадæн» – банысангонд у  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министрады  информацийы.

Уагдоны информацийæ  фидæн азы Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны  æртæфарсон  министериалæн Гуырдзыстон сфысым кæндзæн.

Хуыздæр