Хъахъхъæнынады министр НАТО-йы  генералон нымæрдары минæваримæ  фембæлдис
Хъахъхъæнынады министр НАТО-йы генералон нымæрдары минæваримæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе   Кавказ æмæЦентралон Азийы   НАТО-йы  генералон нымæрдары специалон минæвар Хавьер Коломинайæн сфысым кодта.

Хъахъхъæнынады министрады  пресскуысты  хъусинагæй,  Джуаншер бурчъуладзе Хавьер Коломинайæн  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны  тыххæй   раарфæ кодта.

«Фембæлдыл фарсытæ  регионы  уæвæг   æдадсзинады  уавæр æмæ   æртхъирæнтыл фæныхас кодтой.   Украинайы айтынггонд  фæзындты æмæ æдасдзинады   рæзгæ  æртхъирæны фоныл,  хъахъхъæнынады министр хъусдард раздæхта   Гуырдзыстоны  иргъæфхъомады, фæразондзинады, киберхъахъхъæды  фадæтты, НАТО-имæ  æмбынатдзинад сбæрзонддæры æрдæм æмæ   ацы  процессы  альянсы  политикон æмæ практикон  æмгуыстад фæарфдæры  æнæмæнгхъæуындзинадыл фæныхас кодта.

Джуаншер Бурчъуладзе  альянсы   минæварæн   НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакетæй   (SNGP) бæрæг  инициативæты фæлгæтты    баххæсгæ   æнтыстытæ  æмæ сыххæст   активондзинæдтæ  базонын кодта.   Сæрмгаонд хъусдард уыдис  Мадриды Саммитыл   лæвæрд  «Гуырдзыстоныл арызт  фарсхæцыны документмæ», кæцы  бæстæйы иргъæфхъомад  стыхджын кæнын,  архайадон пакеты  стынг  кæнын æмæ æмцæдисонты  æрдгæй  архайадон     мадзæлттæ ауадзын дары  йæ  хуъыдыйы», –  дзырдæуы  хъахъхъæнынады министрады  пресскуысты инфоромацийы.

Кавказы æмæ Централон Азийы  НАТО-йы  генералон нымæрдары  специалон минæвар Гуырдзыстонмæ æрцыд кусæн визитæй,  регионон   турнейы  фæлгæтты.