Джуаншер Бурчъуладзе  Гуырдзыстоны визитæй уæвæг  Румынийы  хъахъхъæнынады тыхты  штабы хистæр инæлар  Даниел Петрескуимæ фембæлдис
Джуаншер Бурчъуладзе Гуырдзыстоны визитæй уæвæг Румынийы хъахъхъæнынады тыхты штабы хистæр инæлар Даниел Петрескуимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны  официалон визитæй уæвы Румынийы  хъахъхъæнынады  тыхты штабы  хистæр, инæлар  Даниел  Петреску.  Петрескуйæн сфысым кодта Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр Джуаншер Бурчъуладзе.

Фембæлдыл фарсытæ  регионы  уæвæг  æдасдзинады  уавæр  æмæ быцæусидтытæ афлæгæстой.   Ныхасы рæстæджы   сæрмгаонд хъусдард здæхт уыдис  Сау Денджызы  регионы  стабилондзинады æмæ рæзынады  нысаниуæгмæ, регионы Гуырдзыстоны æмæ  Румынийы  æхсæн  хъахъъхæнынады сферæйы  дыууæфарсон  æмгуыстады  рæзгæ  динамикæмæ  æмæ фидæны перспективæтæм.   Хаххгондæй банысани  НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон  пакеты (SNGP) нысаниуæгджын роль æмæ пакеты  инициативæты æнтыстджын  сæххæсты  Румынийы хайбавæрд.

Визиты фæлгæтты  Румынийы  хъахъхъæнынады  тыхты  штабы  хистæр  инæлар  Даниел Петреску  НАТО-йы  сæйраг къордæ æмæ НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ  аргълæвæрды  центры  (JTEC) минæвæрттимæ фембæлдис, кæцы рæстæджы НАТО-Гуырдзыстоны  архайадон пакеты (SNGP) инициативæты сæххæсты фæдыл  фæныхас кодтой.

Афтæма абон румынаг  инæлар  Вашлиджварийы  специалон  операциты тыхты базадæр абæрæг кодта.   Румынийы  генералон штабы  хистæр,  инæлар даниел  Петреску  Хъайтарты  Фæзыл Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн  тохы фæмардуæвджыты   ном ссардта  минутон æнæсдзырдæй  æмæ мемориалмæ дидингуытæ  бахаста.

Информаци хъусын кæны хъахъхъæнынады министрады пресс-куыст.