Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны æртæфарсон министериалы фæлгæтты Джуаншер Бурчъуладзе коллегæтимæ дыууæфарсон фембæлд ауагъдта.
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр азербайджайнаг коллегæимæ, инæлар-булкъон Закир Гасановимæ фембæлдыл хъусдард раздæхта регионы æдасдзинады æрдгæй уавæрмæ, сабырдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл фарстамæ. Хъахъхъæнынады министртæ иумæйаг æмæ цæугæ нысаниуæгджын проекттæ æркастысты.
Джуаншер Бурчъуладзейы фидиуæнæй, историонæй нысаниуæгджын у энергетикон проекты сыххæст кæнын, кæцы цалдæр бон размæ Гуырдзыстоны премьер-министр æмæ Азербайджаны, Румынийы æмæ Венгрийы къухдариуæггæнæг уæнгтæ къухбафыстæй сфидар кодтой. Фембæлдыл фарсытæ хъахъхъæнынады сферæйы дыуæфарсон æмгуыстады æрдæмадтыл дæр фæныхас кодтой, уый нымæцы æфсæддон ахуырады сферæйы æмгуыстадыл æмæ бирæгъуызон æфсæддон ахуырты иумæйаг хайадыл.
Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны æртæфарсон хъахъхъæнынады министериал азты дæргъы регуляронæй цæуы æмæ йын хайадисæг бæстæтæ ротацийы принципæй сфысым кæнынц. Ацы аз министериал уагъд цæуы Турчы Республикæйы.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.