Джуаншер Бурчъуладзе  азербайджайнаг коллегæимæ фембæлдис
Джуаншер Бурчъуладзе азербайджайнаг коллегæимæ фембæлдис

 

Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны æртæфарсон  министериалы фæлгæтты Джуаншер Бурчъуладзе  коллегæтимæ дыууæфарсон фембæлд ауагъдта.

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр  азербайджайнаг  коллегæимæ, инæлар-булкъон   Закир  Гасановимæ  фембæлдыл хъусдард раздæхта  регионы  æдасдзинады æрдгæй уавæрмæ, сабырдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл фарстамæ.  Хъахъхъæнынады министртæ  иумæйаг æмæ цæугæ  нысаниуæгджын  проекттæ  æркастысты.

Джуаншер Бурчъуладзейы фидиуæнæй,  историонæй нысаниуæгджын у   энергетикон  проекты сыххæст кæнын,  кæцы  цалдæр бон размæ  Гуырдзыстоны  премьер-министр  æмæ  Азербайджаны, Румынийы æмæ Венгрийы  къухдариуæггæнæг уæнгтæ  къухбафыстæй  сфидар кодтой.  Фембæлдыл  фарсытæ хъахъхъæнынады сферæйы   дыуæфарсон  æмгуыстады æрдæмадтыл дæр фæныхас кодтой, уый нымæцы   æфсæддон ахуырады сферæйы  æмгуыстадыл æмæ  бирæгъуызон  æфсæддон  ахуырты  иумæйаг хайадыл.

Азербайджан-Турк-Гуырдзыстоны æртæфарсон хъахъхъæнынады министериал  азты дæргъы   регуляронæй  цæуы  æмæ йын  хайадисæг бæстæтæ ротацийы принципæй сфысым кæнынц.  Ацы  аз  министериал уагъд цæуы  Турчы Республикæйы.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрад.