Джеймс Аппатурайи – НАТО  ахъаззаг бавдыст  у Гуырдзыстоны
Джеймс Аппатурайи – НАТО ахъаззаг бавдыст у Гуырдзыстоны

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн лæвæрд  интервьюйы  Кавказ æмæ  Централон Азийы  НАТО-йы  генералон нымæрдары  специалон  минæвар  Джеймс Аппатурайи хъусын кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны НАТО ахъаззаг бавдыст  у.

«С æ нымæцы гуырдзыстоны ис  НАТО-йы  æфсæддон персонал дæр.  Уыдон  сты   «НАТО-Гуырдзыстоны  ахуырты æмæ аргълæвæрды  иуæймаг  центры», «Хъахъхъæнынады  инститкцион арæзтады  скъолайы», афтæма   ис нын æрвылазон   НАТО-Гуырдзыстоны ахуыртæ.  Гуырдзыстоны кусы  НАТО-йы æмбæстагон  æмæ  æфсæддон   офис. Уый тыххæй,   гуырдзиæгтæ  уырнæг хъуамæ уаой  цæмйæй  НАТО Гуырдзыстоны   уæрæхæй  бавдыст у.  Иумæ  кусæм   æмæ ранæуæггонд  архайадон пакет дæр  нын баххуыс уыдзæн» – дзуры Джеймс Аппатурайи.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  хзæгъгæ Гуырдзыстоны  НАТО-йы æфсæддон базæйы бакондыл уынаффæ нæ цæуы.

«НАТО-æн нæй  æфсæддон базæтæ  партнер  бæстæты территоритыл.  Ахæм базæтæ дислоциргонд сты æрмæст уæнг бæстæты, фæлæ НАТО-йæн  Гуырдзыстоны цы ис  уымæн прецедент нæй.  Альянсы объектты кой кæнын, кæцытæ НАТО-ы  кæнæ НАТО-Гуырдзыстоны номæй сты.  Афтæдæр НАТО-йы персонал, кæцы иудадзыгæй  Гуырдзыстоны ис.  Ахæм цыдæр  иунæг  æндæр  партнер паддзахадæн дæр нæй.  Зæгъæн ис, цæмæй НАТО-йы  минæварадæй  Гуырдзыстон  раздзог  æмæ   ацы æрдæм  кусын дарддæр кæндзыстæм» –  дзуры Аппатурайи.

Гуырдзыстонмæ НАТО-йы  ранæуæггонд  аппджын пакет лæвæрд æрцыд  2  декабры.