Ромео Микаутадзе  æмæ Джеймс Аппатурайи  Гуырдзыстоны  энергетикон  потенциал æркастысты
Ромео Микаутадзе æмæ Джеймс Аппатурайи Гуырдзыстоны энергетикон потенциал æркастысты

Гуырдзыстоны  энергетикæйы  секторы   цæугæ   реформæтæ  æркастысты  экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ   рæзынады министры  фыццаг хæдивæг  Ромео Микаутадзе  æмæ   æдасдзинады  нырыккон  æртхъирæнты  фарстаты НАТО-йы  генералон нымæрдары   æххуысгæнæг  Джеймс Аппатурайи  эконмикæйы министрады  уагъд  фембæлдыл.

Экономикæйы  министрады  пресскуысты  информацийæ, фарсытæ  деталонæй æркастысты  нысаниуæгджын энергетикон    проекттæ  æмæ фæныхас кодтой  уыцы  æрдæмадтыл, кæцытæн сæ нысан у   Гуырдзыстоны  хицауады   фæдфæдон  политикæйы фæлгæтты  бæстæйы энергоæдасдзинад сфидар кæнын.

«Ацы æрдгæй  Джеймс Аппатурайи  бахахх  кодта Сау денджызы  донбын  кабелы  проект  æмæ   банысан кодта, цæмæй йæ сыххæст кæнын  нысаниуæгджын у æнæрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæ ма  Хуссар Кавказы  стынг кæнынæн.

Ромео Микаутадзе  уазджытæн   афтæдæр  базонын кодта уыцы фæстиуджытæ, кæцы  сноггæнгæ  гуырæнтæй  энергийы  камал кæнын æмæ фæлхас кæныны   фарсхацæн схемæйы  фæлгæтты   публикацигонд  фыццаг  аукционыл сфиксир ис. Йæ дзырдæй, фæнысангонд  реформæ тынг æнтыстджынæй цæуы æххæст, кæцы  фæстагмæ,  энергосекторы  дыууæ миллиард  долларæй фылдæр  инвестицийы нывæрыны  фадат  сæвзæрын кæндзæн.

Джеймс Аппатурайи  фидиуæнæй,   Гуырдзыстонмæ ис  стыр энергетикон   потенциал æмæ йæ ресурстæ   дæттынц  æвæрд  хъомысадты  райрæзын кæныны  фадат,к æцы  цыфæнды бæстæйы  эккономикон   райрæзтæн   иттæг нысчаниуæгджын у» – дзырдæуы  экономикæйы министрады  пресскуысты   информацийы.

Афтæма сæ хъусинагæй,   НАТО-йы  генералон нымæрдары  æххуысгæнæг   фарсдарын равдыста  Гуырдзыстоны  энергетикон  фадыгы æрдæм æмæ банысан кодта, цæмæй  кæддæриддæр цæттæ у, сæрмагонд ресурсты æмæ компетенцийы фæлгæтты   йæ къух сараза  ацы нысаниуæгджын æрдæмады райрæзтæн  Гуырдзыстоны.