Денис Шмыгаль - Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн Украинайы экономикæйы зианы бæрц у 565 миллиард доллар

Развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, Уæрæсейы  бырсты фæстиуæгæн, Украинайæн  æрхæсгæ   зианы бæрц  у  565 миллиард доллар, –  уый  у  Украинайы   премьер-министр Денис  Шмыгалы фидиуæн, кæцыйы  уый  Чехы, Польшæйы æмæ  Словенийы   премьер-министртимæ  фембæлды рæстæджы  сарызта.

Информаци  уый фæдыл  хъусын кæны  украинаг медиа.

«Хицауады ныридæгæн  арызт у  къорд, кæцы Уæрæсейы агрессийы фæстиуæгæн бæстæйы   экономикæйæн  зианы бæрцæн аргъ  кæны.  Развæлгъау  бæрæггæнæнтæй,  комкоммæ  зианы  бæрц  ацы  этапыл у  565 миллиард доллар», –  райхъусын кодта  Шмыгаль.