«CNN» - Борис Джонсон партнертæн банхъардзæнис Уæрæсе-Украинайы хæсты фæдыл æхсæзпунктджын архайадон план
Иннæ къуырийы Британийы премьер, партнертæн банхъардзæнис Уæрæсе-Украинайы хæсты фæдыл æхсæзпунктджын архайадон план. Информаци хъусын кæны «CNN».
Медийы куыд фыссынц афтæмæй, Борис Джонсон сæрмагонд планы бавдисын хъавы, Канадæйы, Нидерландты æмæ Централон Европæйы бæстæты лидертимæ фембæлдыл.
Борис Джонсон план кæны, сæрмагонд партнертæм фæсидын, цæмæй Украинайæн æхсæнадæмон угманитерон æххуыс мобилизаци скæной, афтæма йæ фарс рахæцой Украинайæн сæрмгаонд хæдиргъæф сфитнг кæныны æмæ максималонæй стынг кæной экономикон уæз Путины Уæрæсейыл.
Уыимæ ма, Британийы премьер сæрмагонд планæй партнертæй æркурдзæн кæрон скæной Украинайы территорийыл Уæрæсейы змæлгæ нормализаци, уавæры деескалацийæн бацагурой дипломативон фæндæгтæ, фæлæ æрмæст Украинайы легитимон хицауады æххæст хайадæй æмæ райдайæт цырд кампани æдасдзинады æмæ хъæддыхдзинады стынг кæнынæн Евроатлантикон тыгъдады.
«Путин хъуамæ саст баййафа, уый хъуамæ уа йæ агрессийы саст. Æгъгъæд нæу нæ фарсхæцыны æвдыст, кæцы бындурæвæрд у æхсæнадæмон фæткæвæрды гъдæуттыл. Нæхи хъуамæ бахизæм æфсæддон тыхы фæрцы йæ ногæй рафыссыны архæйдтытæ» – дзырдæуы Джонсоны фидиуæны.