Черниговы администрацийы хистæры хъусинагæй, Уæрæсейы æрдгæй æхст æнæхъæн æхсæв цыдис
Черниговы администрацийы хистæр, Вячеслав Чаусы хъусинагæй, Уæрæсейы æрдгæй æхст æнæхъæн дæргъы нæ фæлæууыд. Чаусы фидиуæнæй, æхсты фæстиуæгæн базиан сты хæдзæрттæ, инфраструктурæ, библиотекæйы бæстыхай æмæ базарадон центр.
«Æнæхъæн æхсæвы дæргъы знаг æхста Черниговыл, фæлæ нæ горæт сæндидзын кæндзыстæмæ æм уый раздæронæй ноджы хуыздæр уыдзæн» райхъусын кодта Чаус.
Ацы интервьюйы Чаус хъусын кæны, цæмæй хъуыды дæр никуы акодтаит, цæмæй йæ бахъуыдаит уазалгæнæнтæ бацагурын мæрдтæ бавæрынæн, уымæн æмæ прозектурæйы бынæттæ нал ис.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй знон Уæрæсейы хицауад Черниговы æмæ Киевы зылдты хæстон архæйдтытæ фæкаддæры тыххæй райхъусын кодта.
«Арæх иу уырыссæгтæ иу дзурынц æмæ æцæгæй та бынатон æндæр кæнынц. Æрмæст нын рæстæг равдисдзæни, цас рæстдзинад ис Уæрæсейы ныхæсты. Тынг арæхсгæйæ хъуамæ уæм», – загъта Черниговы администрацийы хистæр.