Британийы  Консервативон партийы лидеры сывзарынæн уагъд фыцццаг  халæппæрсты  сеппæтæй  фылдæр хъæлæстæ æрымбырд кодта Борис Джонсон
Британийы Консервативон партийы лидеры сывзарынæн уагъд фыцццаг халæппæрсты сеппæтæй фылдæр хъæлæстæ æрымбырд кодта Борис Джонсон

Британийы  Консервативон партийы лидеры сывзарынæн уагъд фыцццаг  халæппæрсты  сеппæтæй  фылдæр хъæлæстæ æрымбырд кодта Борис Джонсон.

«ВВС»-ы  информацийæ,   Лордты  палатæйы  уагъд халæппæрсты  фæстиуæгæн, Борис Джонсонæн  114 депутат схъæлæс кодтой. Дыккаг бынатыл  43  хъæлæсæй  уæвы  Джереми  Хант, æртыккагыл та  37 хъæлæсæй – Майкл Гов.

10 кандидатæй   халæппæрсты  дыккаг раундмæ ахиздзæн авд.  Фæстаг æртæ бынатыл  чи уыдзæн уыдон та   рацух  сты  партион марафонæй.  Халæппæрсты   кæронбæттæн  æртыккаг раундмæ ахиздзысты, дыууæ сеппæтæй  популярон  кандидат.  Халæппæрст æнхъæлцау  мæйы кæрон ацæудзæн.   Партион   марафоны   уæлахизгонд премьер-министр Тереза Мэйы   фæивдзæн.