Компани «Амазоны» бындурæвæрæг æмæ æххæстгæнæг директор Джефф Безос историйы сеппæтæй бонджындæр адæймагыл нымад цæуы. Агентад «Блумбергы» бæрæггæнæнтæй, 10 январы уавæрæй, Безосы исад 106 миллиард доллармæ ххæссы. Афтæмæй, «Амазоны» бындурæвæрæг, йæ фæстæ фæуагъта «Майкрософты» бындурæвæрæг Билл Гейтсы.
Миллиардеры капиталы хай у компани «Амазоны» акцитæй. Уымæй уæлдай ма, Безосы сæрмæмулкмæ хауынц рауагъдад «Washington Post» æмæ космосон балцы хицæн туристон компани «Blue Origin».