«Блумберг» - Германийы хицаугæнæг коалици фидæн азы Украинайæн æфсæддон æххуысы фæдывæр кæныны æмæ аст миллиард евройы онг фæфылдæры фæдыл æрдзырдта
Германийы фæткдæттæг коалици фидæн азы Украинайæн æфсæддон æххуысы фæдывæр кæныны æмæ аст миллиард евройы онг райрæзын кæныныл æрдзырдта. Информаци уый фæдыл агентад «Блумберг» сæрмагонд равзæрæныл æнцойæ хъусын кæны.
Медиафæрæзты хъусинагæй, фæнысангонд планы парламентæй сфидар кæныны цауы, Германийы хъахъхъæнынады хардзтæ æмтгæйон мид продукты дыууæ процентæй ахиздзæн, кæцы НАТО-йы уæнг бæстæты дзырдлæвæрды æвдисæг у.
«Блумбергæн» бæрæг куыд ссис афтæмæй, Олаф Шольцы социал-демократтæ, сæрибар демократтæ æмæ цъæхты парти æфсæддон хардзтæ райрæзын кæныныл 2024 азы федералон бюджеты проекты кæсыны рæстæджы æрдзырдтой.