Белорусы МХМ-ы информацийæ, Минскы акцийы 125 хайадисæгы æрцахстой
Белорусы мидхъуыддæгты министрады информацийæ, абон Минскы акцийы 125 хайадисæгы æрцахстой. Адон сты бынæттон рæстæгæй 16:00 сахаты бæрæггæнæнтæ.
Уагдоны куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, ахæстты ныхмæ бакодтой хъуыддаг административон уагмæ гæсгæ. Уыдоны æнæсанкциргонд митингы хайад исыны аххосджын кæнынц.
Ныр Белорусы сæйраг горæты мингай адæймаг Белорусы президенты резиденцийы сты æмбырд. Æмбæстæгтæ хър кæнынц –Ацу! Зæгъгæ. Бынатыл мобилизацигонд сты спецназы бал æмæ мидæгон æфсад. Афтæдæр спец-техникæ.
Белорусы протестон акцитæ нырид 22 бон у цы даргъ кæнынц. Демонстрацийы хайадисджытæ президентон æвзæрстыты ногæй саразын æмæ сабрадон акциты хайадисджыты ныхмæ тыхмидзинады аххосджынты дзуаппмæ раттын домынц.