МХМ- курæг стæм  акцийы организацигæнджытæй æмæ хайадисджытæй, ма рахизæт  дзырды сæрибары æмæ сабырадон  æмбырды закъонæй бæрæг нормæтæм
МХМ- курæг стæм акцийы организацигæнджытæй æмæ хайадисджытæй, ма рахизæт дзырды сæрибары æмæ сабырадон æмбырды закъонæй бæрæг нормæтæм

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад Тбилисы, парламенты бæстыхайы  цур цæугæ акцийы  фæдыл  фидиуæн аразы.

Уагдоны куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   акцийы  цыды рæстæджы  барадсасты  цыфæнды факт  æнæаргъæвгæ схафдзысты.

«Мидхъуыддæгты министрады  æндæр æмæ æндæр дæлхайады кусджытæ  Тбилисы Руставелйы проспектыл, парламеты бæстыхайы цур цæугæ   территорийыл  цæугæ акцийы тыххæй мобилизацигонд сты  æмæ хъахъæнынц  æхсæнадон сæрфад.

Мидхъуыддæгты министрад сиды акцийы организацигæнджытæм æмæ  хайадисджытæм, ма рахизæт   дзырды  сæрибары æмæ сабырадон æмбырды   закъонæй бæрæг   нормæтæй.

Акцийы цыды рæстæджы  барадсасты  цыфæнды  факт   пъæлицæйы   æрдгæй  закъоны фæлгæтты æнæаргъæвгæйæ цæхгæр кæронгонд уыдзæн» –  дзырдæуы МХМ-ы фидиуæны.