Руставелийы проспектыл акцийы хайадисджытæ архайынц, арламенты бæстыхайы алыварс æрлæууын, бынатыл мобилизацигонд барадхъахъхъæнджытæ сæм сидынц цæмæй ныппырх уой

22:13, 15.04.2024

Акцийы хайадисджытæ  кæцытæ  Руставелийы проспектыл   парламенты бæстыхайы раз   уыдысты, архайынц, ахизын   парламенты  бæстыхайы  фæстаг бацæуæны цур.  Акцийы  организацигæнджытæ  сиыднц   бынатыл æрымбырдуæвджытæм, парламенты бæстыхайы æрхъула кæнын.

Акцийы  хайадисджытæ  куыд хъусын кæнынц, афтæмæй,   уыдоны фæнды парламенты алыварс æрлæууын æмæ хицаугæнæг балы  уæнгтæн  сæ  хъæлæс  фехъусын кæнын.

Руставелийы проспектыл  мобилизацигонд  сты барадхъахъхъæнджытæ   æмбæлгæ техникæимæ.   Уыдон   æрымбырдуæвджытæм сидынц,  ныппырх уынмæ   науæд та  спайда кæндзысты  закъонæй бæрæг   мадзæлттæй.

Акцийы  хайадисджытæ   «фæсарæйнаг  æндæвдады æргомдзинады фæдыл»  закъонопроект  протест кæнынц.

Хуыздæр