Телауы «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроекты ныхмæ акци ацыд
Телауы «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады» закъонопроекты ныхмæ акци ацыд

Телауы «фæсарæйнаг  æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонороекты  ныхмæ протестон  акци  ацыд.

Акцийы хайадисджытæн семæ уыдис плакат  фыстимæ : «Нæй  уырыссаг закъонæн!»

Акцийы  æнæхицауадон  организациты æмæ политикон  партиты минæвæрттæ, уый нымæцы  «Националон Змæлды» цалдæр  лидер дæр истой хайад.

Акцийы организацигæнджытæ  дзырдæй ралæуды рæстæджы  хицауады Уæрæсейы  интересты ауадзыны  фæзылынджын  кодтой æмæ закъонопроекты  райсты цауы, Европаг  фидæны фесафыны  фарстайыл  фæныхас кодтой.

Акцийы хайадисджытæ фæстæдæр Гуырдзыстоны Иудзинадæн   фæмардуæвæг  хъайтарты  мемориалмæ цыдæй  арастысты.