Азербайджайнаг медиайы информацийæ, Сомихыстоны æмæ  Азербайджаны æхсæн  æхст фæурæды режим сног ис
Азербайджайнаг медиайы информацийæ, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн æхст фæурæды режим сног ис

Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  æхсæн æхст фæурæды режим сног ис, – уый фæдыл   Аазербайджайнаг  медиа хъусины кæны. Сомихаг фарс фæнысангонды тыххæй  комментари нырма нæ сарызта.

Агентад «Тред Аз» куыд хъусын кæны  афтæмæй,  Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  арæныл   æхст фæурæды фæдыл бадзырд  сæумæрайсомы  09:15 сахатыл баныст.  Фæлæ  мæдиафæрæз куыд банысан кодта афтæмæй,  Сомихыстоны гарзджын   тыхтæ   бадзырд фехæлдтой, цæй фæстиуæгæн  æхст фæурæды режим  09:15 сахатæй сног ис.

Сомихыстоны æмæ Азербайджаны арæныл  тохæмбæлдтæ  æмбисæхсæв  райдыдтой æмæ æнæхъæн æхсæвы дæргъы цыдысты. Фарсытæ  эскалацийыл  бæрн кæрæдзиуыл æвæрынц. Сомихыстон Азербайджаны аххосджын кæны  цæрæн рæтты æмæ æмбæстагон  инфраструктурæйы æрдæм  æхст  баконды, кæцыйыл нæ сæтты Азербайджайнаг фарс. Азербайджаны   хъахъхъæнынады  министрад  Сомихыстоны  гарзджын тыхты диверсон   къордты Азербайджаны  æфсады позицитыл æхст баконды  æмæ арæйнон   районты минæтæй  сифтындзыны  аххосджын кæны.