Анкарайы  уырыссаг паддзахадон  агентад  «Спутникы»  Турчы  бюройы   цыппар  кусæгы  æрцахстой
Анкарайы уырыссаг паддзахадон агентад «Спутникы» Турчы бюройы цыппар кусæгы æрцахстой

Анкарайы  уырыссаг паддзахадон  агентад  «Спутникы»  Турчы  бюройы   цыппар  кусæгы  æрцахстой.  Уырыссаг  медийы  информацийæ,   æрцахстувджыты  æхсæн ис  агентады   Турчы  бюройы   сæйраг редактор дæр.

Уæдмæ  «Спутникы»  сæйраг редактор,  Маргарита   Симонян  æртæ  журналисты  æрцахсты  фæдыл   информаци айхъусын кодта.   Уыдоны  29 февралы  æхсæвы  рæгмæ   æрцахстой.   Се ртæ дæр сты  Турчы  æмбæстæгтæ.

Симоняны  дзырдæй,  зæгъгæ  «Спутникы»  журналистты  хæдзæрттæм   æнæбæрæг  уæнгтæ балæбурдтой  æмæ сæ æнæбæрæг  ардæмадæй  аластой.   Фæстæдæр  журналистты   æрцахсты  фæдыл   информаци ахæлиу ис.

«Спутникы»  репортерты  æрцахсты  дзуаппæн  куырдиат сарызта  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрад, кæцы   Анкарамæ  æрсидтис,  уавæры  райхалын æмæ уырыссаг медийы  минæвæртты  æдадсзинад сифтонг  кæнынмæ.