Amnesty International – коронавирусы тыххæй уагæвæрд арæнæвæрдты фæдыл хыгъдлæвæрд публикаци кæны
Бартæ хъахъхъæнæг организаци «Эмнести Интернейшнл» Хурыскæсæн Европæйы æмæ Централон Азийы бæстæты коронавирусы пандемийы фæдыл арæнæвæрдты тыххæй хыгъдлæвæрд публикаци кæны. Документы ныхас цæуы гуырдзыстоны фæдыл дæр.
Хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы, цæмæй 21 марты Гуырдзыстон сфидар кодта уæлрадон уавæрæй бæрæг мадзæлттæ, кæцы æнæмæнгхъæугæ уыд, пропорцион æмæ мотивиргонд æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды легитимон нысæнттæй. Ацы рæстæджы банысангонд у, цæмæй медицинон амындты ныхмæ, фылдæр хайæ арæнæвæрд нæ уыд религион æмбырдтæ, цæмæй гуырдзыстоны рæстдинон аргъуанмæ уыдаит фадат Куадзæнон литурги ауадзын.
«Гуырдзыстоны алы æндæр религион къордтæ барвæндæй æрныхас кодтой, æхсæнадæн религион уагдæттæ æрыхгæнын. 15 апрелы Гуырдзыстоны пысылмонты уагдоны къухдариуæггæнæг, Миртаг Асадов фехъусын кодта, цæмæй Рамаданы райдаыны фæстæ афтæдæр байгом кæндзысты мæзджыт æмæ æнхъæл сты, цæмæй хицауад æмбаргæ ахаст дардзæн, афтæ куыд рæстдинон аргъуаны æрдæм уыд. Ацы фидиуæнæй дыууæ бон фæстæ, Миртаг Асадовмæ фæсидтысты æрфарстмæ Гуырдзыстоны Паддзахадон Æдасдзинады куыстмæ паддзахадон саботажы архайды тыххæй», – дзырдæуы «Эмнести Ин»ернейшнлы” хыгъдлæвæрды.
Уымæй дарддæр ма, барты хъахъхъæнæг организацийы банысан кодтой, цæмæй регионы иуæй-иу бæстæы цæрджытæ, сегасæй мæгуыр къордтæн æххуысæн райстой мадзæлттæ. Иуæй-иу ахæм дæнцæн бавдæстуыд Гуырдзыстон.
«14 апрелы Гуырдзыстоны премьер-министр райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ хицауад хъавы баххуыс кæнын уыцы æмбæстæгтæн, чидæриддæр «Ковид-19»-ы æмæ арæнæвæрдты тыххæй, кусæнуаттæ фесæфтой. Хицауад афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй уæлрадон уавæры архайыны мæйты дæргъы, бафиддзæн газы, электроэнергийы æмæ доны фидинаг уыдонæн, чидæриддæр æрвылмæййонæй 200 киловатæй каддæр электроэнергийы æмæ 200 кубонметрæй каддæр бæрцæй æрдзон газ хардз кæнынц», – дзырдæуы документы.