Шалва Папуашвили парламенты куысты фæдыл æрвылазон хыгъдлæвæрд æмæ иннæ азы архайадон план 8 хурхæтæны бавдисдзæн
Парламенты сæрдар Шалва Папушвили закондæттæг органмæ æрвылазон хыгъдлæвæрд æмæ фидæн азы архайадон план 8 июны пленарон рабадтыл бавдисдзæн.
Шалва Папуашвилийы парламентмæ сидт, 12:00 сахатыл райдайдзæн. Спикеры æрдгæй парламенты куысты фæдыл хыгъдлæвæрды бавдыст регламенæй у бæлвырд.
Регламентмæ гæсгæйæ, куыд уаг, парламент уалдзæгон сессийы пленарон рабадтыты фыццаг къуырийы хъусы парламенты куысты æрвылазон хыгъдлæвæрдмæ æмæ фæдылдзог азы архайадон планмæ, кæцыйы иу бавдисы парламенты сæрдар.
Парламенты куысты æрвылазон хыгъдлæвæрды архайадон план бавдысты фæстæ политикон дебаттæ ацæуынц.