Амиран Гамхърелидзейы хъуыдымæ гæсгæйæ, бæстæйы индиаг штаммы ахæли у 10-15 процент бæрц
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, абоны бонмæ Гуырдзыстоны индийаг штамы 20 цау сбæрæг ис.
Амиран Гамхърелидзейы хъуыдымæ гæсгæйæ, бæстæйы масштабæй индиаг штамы ахæлиу 10-15 процент у.
«Абон бæстæйы официалонæй индиаг штамы 20 цау сты бæрæг, уыдис 18 æмæ сабаты сбæрæг ис ноджы дыууæ. Æнхъæл стæм, цæмæй 10-15 проценты бæрц у ацы индиайг штам бæстæйы. Уымæ гæсгæ дæр, тынг арæхсгæйæ хъуамæ уæм æмæ дыккагæй мауал фæрæдийæм, фаронау, фылдæры хайæ нæ куы бауырныдта, цыма ковид басастам æмæ стæй федтам цы уыдис октябрь-ноябры», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.