Амиран Гамхърелидзе – прогнозмæ гæсгæйæ, гæнæн ис, пикмæ бахизæм февралы фыццаг декадæйы æмæ æнæм æрвылбойнонæй инфицирады 10-æй 15 000-ы онг ног цау сбæрæг уа
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, « Омикроны»цауты низ «Дельта» штамима абаргæйæ æнцонæй цæуы, фæлæ уый тыххæй æмбæстæгтæ сæрхызтдзинад ма хъуамæ фесафой.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, прогнозты институты бæрæггæнæнтæй, гæнæн ис бæстæ коронавирусы пикмæ февралы фыццаг декадæйы бахиза.
«Ацы этапыл бæстæйы «Омикроны» цауты тыххæй госпитализаци нæ райрæзтис, райрæзт телефонон дзырдтæ тæвд хаххмæ, онлайнклиникæтæм æмæ уый æнхъæлмæкæсинаг дæр уыд, уымæн æмæ нырма сæйраг «дельта» штамимæ абаргæйæ «омикроны»цаутæ рог формæйæ цæуынц.
Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй сæрхызтдзинад ма хъуамæ ферох кæнæм, уымæн æмæ прогнозты институты бæрæггæнæнтæй, гæнæн ис, бæстæ коронавирусы пикмæ февралы фыццаг декадæйы бахиза, æмæ гæнæн ис, æрвылбойнонæй 60 000-ы онг цау сбæрæг уа, кæцытæй 20-30 процент лабораторионæй рабæрæг уыдзæн. Кæнæ та гæнæн ис, æрвылбойнонæй нæм уа 10-æй 15000-ы онг цау. Æхсæнадæмон бæрæггæнæнтæй, «омикроны» цауты госпитализацийы бæрæггæнæн ивы 5-æй 10-%-ы онг, «Дельтайы рæстæджы та ацы бæрæггæнæн 12-15-æй 20 проценты онг уыд. Уый тыххæй госпитализаци гæнæн ис, къаддæр уа», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Уый ма брифингыл бафтыдта, ома бæстæ коронавирусы æхсæзæм уылæны нысаны раз лæууы. «Зæгъæн ис, цæмæй коронавирусы æхсæзæм уылæны уæлæмæдзæугæ нысаныл стæм», – загъта Амиран Гамхърелидзе.