Амиран Гамхърелидзе – Ма тæрсут, дыккаг пандеми стыр рæстæджы дæргъы нал уыдзæн
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзе, Китайы гриппы ног типы вирусы фæдыл фарсты дзуаппæн хъусын кæны, цæмæй 21-æм æнус, ахæм ног фæзындтæй «бонджын» уыдзæн.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, ног инфекцитæ 21 æнусы иуæй-иу сæйраг æртъхъирæн сты.
Фæлæ Амиран Гамхърелидзе афтæдæр райхæлдта, цæмæй ацы типы вирустæ периодгай фæзынынц, фæлæ сæ æрмæс тдæр чысыл хай свæййы адæймагмæ хæцгæ, стæй та эпидемийы равзæрæн.
«Ногсæвзæргæ низтæй цы хонынц æмæ ногсæвзæргæ инфекцитæ – сты 21 –æм æнусæн сæйраг æртъхъирæн, кæцыйы расайынц уыцы процесстæ, кæцытæ цæуынц нæ экологийы – глобалон схъарм, климаты ивд æмæ а.д. Уый тыххæй ныр вирустæм «стыр хъусдард ис».
Ацы типы вирустæ периодгай фæзынынц, фæлæ сæ чысыл хзай свæййы адæймагмæ хæцгæ æмæ стæй та эпидемийы кæнæ пандемийы равзæрæн. Уый тыхæхй дæр ма тæрсут, дыккаг пандеми стыр рæстæджы дæргъы нæ уыдзæн. Коронавирусы пандемийы куы басæтдзыстæм, уырнæг дæн, уæ фæлтæры царды дæргъы дыккаг пандеми нал уыдзæн» – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.