Амиран Гамхърелидзе хъусын кæны, цæмæй техникон куыстыты тыххæй, абоны коронавирусы фæдыл æххæст бæрæггæнæнты порталыл равдисын нæ бантыст
Пикы периоды стæм æмæ ацы пикы ацыды этап уæддæр хъуыды кæнæм, ацы къуырийæ хъуамæ райдайа – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе райхъусын кодта.
Гамхърелидзейы информацийæ, коронавирусы абон цы цаутæ рабæрæг сты, веб-фарсыл цы уыд публикацигонд, уыдон æххæстæй реалондзинадмæ не мбæлынц, уымæн æмæ техникон куыстыты тыххæй, бæрæггæнæнтæ иууылдæр хаст нæ уыдысты.
«Сабат-хуыцаубон, куыд æй зонут, афтæмæй, сидтытæ вæййынц къаддæр бæрцæй. Ноджы уыд техникон проблемæтæ порталыл, бæрæггæнæтæ бавдисыны æрдгæй, уымæн æмæ порталы рнææгы процесс цыд сабат-хуыцаубон, уый тыххæй дæр абоны бæрæггæнæнтæ æххæст не сты.
Ситуаци æнцон нæу, фæлæ уæддæр æнхъæл стæм, цæмæй омикроны циркулляцийы фоныл сындæггай райдайдзæн каддæр кæнын. Абон ис 4000 цау æмæ хъыгагæн 21 мæлынады факт.
Инфицирады ацы бæрæггæнæн реалон уавæр не вдсиы, уымæн æмæ ис тестты æвæрццаг дзуаппы бæрзонд бæрæггæнæнтæ процентонæй – 40%.
Реалонæй райсом портал куы ранæуæг уыдзæн, æххæст бæрæггæнæнтæ разындзысты, куыд хуыцаубоны – афтæ къуырисæры бæрæггæнæнтæ дæр», – загъта Амиран Гамхърелидзе.