Амиран Гамхърелидзе хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны эпидемиологион уавæрмæ хъус бадарын хъæуы, фæлæ паникæйы бындур нæй
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны эпидемилогион уавæрмæ хъус бадарын хъæуы фæоæ паникæ æмæ фæдисы бындур нæй.
Гамхърелидзейы дзырдæй, ацы рæстæгмæ, уавæры контролы дæлбар у.
«Регуляциты фæрæуæгдæр кæныны фæстæ æнхъæлмæксинаг уыд инфицрады цауты рæзт, уæлдайдæр зондзыстут, цæмæй интенсивон ссис балц æндæр æмæ æндæр бæстæтимæ, фылдæр адæймаг æрцæуы сæрды афон бæстæмæ. Æцæг у карантин кæнæ хиизоляцимæ ахизынц, фæлæ медицинæйы 100 процентæй ницы вæйы. Зæгъæн ис уый тыххæй дæр, æмæ бæстæйы рахатинаг у уæлæнгай ахаст пандемимæ æмæ иллюци, цыма нырид фæтых стæм пандемийыл, ис нын ахæм фæстиуæг, æмæ фæфылдæр сты инфицирады цаутæ. Фæлæ хаххгонд мæ фæнды банысан кæнын, цæмæй уавæр контролы дæлбар у паникæйы бындур нæй» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.