Амиран Гамхърелидзе - ис цалдæр иртасæн, ома «Омикронæй» сæнæниз кæныны фæстæ, иммунитет стыр рæстæг нæ аххæссы
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы дзырдæй, «Омикронæй» реинфицирады нырма иунæг активон цау лабораторионæй не сбæлвырд ис. Афтæма йæ дзырдæй, ис иртасæн, ома «Омикронæй» сæнæниз кæныны фæстæ, иммунитет стыр рæстæг нæ аххæссы.
«Теорионæй алцыппæт ис гæнæн, уымæн æмæ «Омикронæн» ис цалдæр дæлштамм. Абон махмæ циркуляци кæны йæ Б2 штамм, фæлæ «омикроны» фæстæ та ногæй «Омикронæй» инфицирады лабораторионæй бæлвырд цау нырма нæй. Нæдæр махмæ ис æмæ нæдæр литературæйы ис бæрæггæнæнтæ, фæлæ ис цалдæр иртасæн, кæцымæ гæсгæ «Омикронæй» сæнæниз уыны фæстæ иммунитет стыр рæстæг нæ аххæссы», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Амиран Гамхърелидзе фæнысах кодта вакцинацийы нысаниуæгы тыххæй æмæ бахахх кодта, ома æртыккаг бустер дозæ саразын æмæнгхъæугæ кæй у, уый. Йæ дзырдæй, зæгъгæ иртасæнæй фæбæрæги, бустердозæ серьозонæй кæй хъахъхъæны адæймагы инфицирад, госпитализаци æмæ фаталон фæстиуæгæй.