Амиран Гамхърелидзе – инфицирады цауты нымæц ма ноджы фылдæр кæндзæн
Низты контролы националон цекнтры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, зæгъгæ æппæт Дунейы эпидемиологион уавæр сындæггай фыддæрдæр кæны. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, сентябры астæу бонтæй коронавирусы дыккаг уылæн райдыдта æмæ нырма, дыууæ-æртæ къуыри уæддæр, инфицирады бæрæггæнæнтæ нæ фæкъаддæр уыдзысты.
«Эпидемиологион уавæр Гуырдзыстоны, афтæ куыд æппæт дунейы, сæрмагондæй та Европæйы бæстæты, фыддæрдæр кæны. Уавæр фæвазыгджын ис æмæ уый æнæнхъæлæджы нæу. Æцæг дыккаг уылæнæй цы схонынц, уый у æппæт Дунейы ныр, уый нымæцы европæйы дæр. Махмæ, фæстаг дыууæ-æртæ къуырийы дæргъы, коронавирусæй инфицирады интенсивон рæзт ис, æнæкæсгæ уымæ, цæмæй Гуырдзыстоны инфицирады нымæцмæ гæсгæ, иу удгоймаг цæрæгыл, тынг ныллæг бæрæггæнæнтæ ис.
Зондзыстут æй, сентябры фынддæсæмæй, æмæ ма уымæй раджы дæр, дыккаг уылæнæй цы хонынц уыцы уаавæрмæ бахызтыстæм, комкоммæ уын дзурын, цауты нымæц фылдæр кæндзæн. Инфицирады бæрæггæнæнтæ æввахс дыууæ-æртæ къуырийы дæргъы нæ фæкъаддæр уыдзысты» – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.