Амиран Гамхърелидзе – Гуырдзыстон нымрма нымад цæуы  иуæй-иу сеппæтæй  æдас бæстæйыл, хъуамæ архайæм,  ацы æдасдзинад ма фесафæм, цæй тыххæй  дæр  хъæуы  æмкуыст кæнын
Амиран Гамхърелидзе – Гуырдзыстон нымрма нымад цæуы иуæй-иу сеппæтæй æдас бæстæйыл, хъуамæ архайæм, ацы æдасдзинад ма фесафæм, цæй тыххæй дæр хъæуы æмкуыст кæнын

Низты  контролы  националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  инфицирады  цауты  рæзтмæ æнæкæсгæ,  Гуырдзыстон  нырма дæр нымад цæуы  цæхъ зонæйы, кæнæ та æдас  бæстæйыл.

Гамхърелидзейы дзырдæй,  зæгъгæ,  цæмæй фæнысангонд статус ма фесафæм, нысаниуæгждын у  цæрджыты æрдгæй  æмгуыстад æмæ  рекомендацитæ æххæст кæнын.

«Мах нæхи уæнгуагъд дарæм  æмæ не  ххæст кæнæм уыцы  сæйраг рекомендацитæ,  кæцытæ  æнæмæнгхъæугæ  сты.  Æмбарын, сфæлмæцын уæ кодтон маскæты, дистанци хъахъхъæныны  тыххæй дзырдæй,  фæлæ  коронавирусы ныхмæ æндæр  бирæ  аргъджындæр  мæцъистæ нæй.  Инфицирады  бæрæгæннæнты рæзтмæ æнæкæсгæ, Гуырдзыстон  нырма дæр нымад цæуы  цæхъ зонæйы, кæнæ та иуæй-иу  сеппæтæй æдас  бæстæйыл. Алчи хъуамæ архайæм,  ацы æдасдзинад ма фесафæм.  Уый тыххæй  та хъæуы  æмкуыст кæнын  æмæ  алы рекомендацитæ æххæст кæнын», – райхъусын кодта  Амиран Гамхърелидзе.