Амиран Гамхърелидзе - фæстаг къуыриты дæргъы эпидемиологион уавæр стабилон у
Мæрдтæн сæ ном ссарыныл тобæ ничи æвæры, ничи зæгъдзæн, цæмæй ма рацæуæд уæлмæрдтæм, фæлæ кæд гæнæн ис уæд, уæхи бауромут уым хæринаг æмæ алкоголон нозтæй, уымæн æмæ ацы рæстæджы æнцонтæй цæуы вирусы ахæлиу, афтæ куыд стыр куывдты æмæ æмбырдтыл –у ый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодта низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе фехъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у æхгæд тыгъдады маскæ дарын, стыр æмбырдæй хииуварс кæнын æмæ вакцинаци.
«Æхгæд тыгъдадты маскæ æнæмæнгæй хъуамæ дарæм. Сæрмагондæй та аргъуанты, цы ран бирæ адæм æрымбырд удзæн. Сегасдæр сæйраг – вакцинаци. Уавæр бирæ ныфсдæттæгдæр у, цæрджыты иммунон фæлтæр тыхджындæр куы у кæнæ та вакцинацийы бæрæггæнæн бæрзонддæр куы у уæд. Дуне цæттæ кæны фæззæгмæ, коронавирус куы хъуамæ феста эндемикон вирусæй æмæ вæццæгæн нæ бахъæудзæнис фæйнæ бустер дозæ. Фæнды мæ цæрджытæн фехъусын кæнын,ц æмæй фæтыхджын кæнæм иммунон фæлтæр бæстæйы, вакцинæты æгъгъæд нымæц нæм ис» – банысан кодта Амиран Гамхърелидзе.