Амиран Гамхърелидзе – Бæстæйы эпидемиологион уавæр фыддæрдæр кæны
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзекйы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны эпидемиологион уавæр фыддæрдæр кæны. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, бæстæйы рабæрæгггонд коронавирусæй инфицирады фæдыл æрвылбойнон бæрæггæнæнтæм хъус æрдарын хъæуы.
Гамхърелидзе ъхусын кæны, ома рекомендациты сыххæсты тыххæй контроль хъуамæ фæкарздæр уа.
«Хъагагæн, бæстæйы эпидемиологион уавæр фыддæрдæр кæны. Æвæрццаг бæрæггæнæнтæ, кæцыйы фæдыл уыдис тынг дзæбæх динамикæйы, фæстаг дыууæ къуырийы мидæг, цъус фæлæ уæддæр фæфыддæрдæры тенденци фæбæрæг ис. Сæрмагондæй абон рабæрæггонд цауты нымæцмæ хъус æрдарын хъæуы. Æрвылбойнон æвæрццаг бæрæггæнæнтæ дæр сырæзтысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, бавдыст бæрæггæнæнтæ æмæ эпидемиологион уавæр, февралмæ абаргæйæ нын хуыздæр у, фæлæ ацы фæстаг дыууæ къуырийы мидæг, фæфыддæры миниуджытæ æмæ тенденци разындис. Фæлхатгæйæ та зæгъын, августы куыд бакодтам, куы нæ бауырныдта, цæмæй коронавирусы инфекцийыл фæуæлахиз стæм, афтæ та куы бакæнæм, уæд нæ уый гæнæн ис, тынг æвзæр фæстиуджытæм æркæна», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.