Амиран Гамхърелидзе – Бæрæг у, ног штаммы циркуляцийы рæзт, инфицирады абоны цауты 10% сты «Омикроны» штамæй
Фæбæрæг ис ног штаммы циркуляци, абоны цауты 10 процент сты «Омикрон», – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнаæдмон фæлтæрддзинадæй зæгъгæ бæрæг у, цæмæй «омикрон» бирæ цырддæр хæлиу кæны.
«Лабораторион иртасæнмæ гæсгæйæ, кæцыты уадзы нæ центр, «омикроны» цауты нымæц фылдæр кæны. Æхсæнадæмон фæлтæрддзинадæй бæрæг у, цæмæй «омикроны» хæлиукæнынад темп тынг рæзы мидхæлиукæнынанд куы райдаы уæд. Хъуамæ банхъæлмæ кæсæм цæмæй иннæ дыууæ къуыри нын уыдзæн фæфылдæры тенденци.
Æндæр æмæ æндæр этапы уылæнты пикы рæстæджы куыд уыд инфицрадыцауты нымæц уымæй фылдæр уыдзæн. Дунейы æрвылбойнон цауты нымæц, 2 милуанæй ахызт. Ахæм бæрæггæнæнтæ ацы пандемийы дыууæ азон периоды никуы уыдис. Максимум æрвылбойнон цауты нымæц уыд 800-900 000 бæрц. Абон та нын æрвылбойнонæй 2 милуанæй фылдæр цау ис. Уый тыххæй зын кæны кусын æнæнизхъахъхъæды секторæн. Тестытыл дæр æркуырд райрæзтис, амбулаторион сидты æмæ онлайнконсультациты фылдæр куырдиат ис. Æлæ госпиталон сектор рад бæстæты æмæ мæлынады рæзт нæ фиксир кæны» – райхъусын кодта Гамхърелидзе.
Амиран Гамхърелидзейы дзырдæй, зæгъгæ «омикронæй» бæлвырд цаутæй госпитализаци бахъуыд аст адæймагæн.
«Госпиталон секторы 4000-æй фылдæр бынат ис. Госпиталтæм «омикроны» тыххæй сидты нымæц бæрзонд нæу. Госпитализаци омикронæй фæрынчынуæвджытæй бахъуыд æрмæст аст адæймагæн æмæ уыдонæй фондз нырид сæнæниз сты. Æртæйæ уыдысты æмдзыд низтæй рынчын. Фыццагон æнæнизхъахъхъæды секторы, кæнæ бинонты дохтырты, серьозон æгæруаргъ æнхъæлмæкæсинаг нæу. Стынг уыдзысты онлайн клиникæтæ, цæмæй алы адæймагæн онлайн-консультаци уа рæувадат» – загхта Амиран Гамхърелидзе.
Уый ма банысан кодта ома «Омикроны» абаргæйæ фæуромы бустеризаци.
«Сæйраг рекомендаци, кæцы «Омикроны» абаргæйæ уромы, у бустеризаци. Дзæбæх уаид цæмæй цæрджыты уыцы хай, кæцытæ дыууæхаттонæй вакцинацигонд сты, саразой бустер дозæтæ. Вакцинæтæ сты сæйраг иргъæвæг. Вакцинацигонд чи нæу, уыдон æнæмæнгæй хъуамæ саразой вакцинæ. Нысаниуæгджын у маскæ дарын, кæцы афтæдæр уромсы «омикроны». Ноджы ма иу рекомендаци у, дистанци хъахъхъæнын æмæ адæмархæ рæттæй хи бахизын.
«Омикрон» дæр уыцы симптомтæй райдайы. Хъауджы йæм ис ахæм симптомтæ, фидар æхснырсæг, æхсæвы сахатты хид кæнын, хъуыры рыст»- банысан кодта Гамхърелидзе.
Уыимæ ма ног штамм «дельтакромы» тыххæй, Гамхърелидзе дзуары, цæмæй йæ сбæрæг кæнын гæнæн ис æрмæст секвениргæнгæйæ.
«Дыууæдæр штамы нырма нæ федтам, фæлæ теорионæй æмæ практиконæй дæр ис гæнæн, дыууæдæр мутаци уа. Нырма иунæг бæстæйы дæр нæ фæивдта «омикрон» «дельтайы». Кæнæ та сæ дыууæйы циркуляци цæуы. Ис гæнæн ацы типы штамм фæбæрæг уа анализы мидæг» – банысан кодта Амиран Гамхърелидзе.