Амиран Гамхърелидзе - Арæнгæнæг мадзæлттæ куы нæ фæкарз кæнæм, уæд гæнæн ис пик стыр рæстæг аххæсса
Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзейы информацийæ, декабры фыццаг къуырийы сæрмагонд хъусдард бахъæудзæн. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уыцы цауы, кæд æмæ арæнгæнæг мадзæлттæ нæ фæкарз уыдзысты, уæд гæнæн ис пик стыр рæстæг аххæсса.
Уыйимæ иумæ ма Гамхърелидзе банысан кодта, цæмæй арæнæвæрдты ауæрæх кæныны фæдыл координацион совет уынаффæтæ æввахс дыууæ боны дæргъы рахæсдзæн.
«Активон æмкуыст кæнæм Вашингтоны æнæниздзинад барын æмæ аргълæвæрды институтимæ. Фæнысангонд институт æрлвыкъуырионæй ранæуæг кæны æндæр æмæ æндæр регионты, сæ нымæцы Европæ дæр æмæ уымæн, цæмæй мах стæм тынг хæстæг партнертæ, афтæдæр Гуырдзыстонæн аразы прогноз. Сæ прогнозмæ гæсгæйæ, растдæр декабры фыццаг къуырийы бахъæудзæн сæрмагонд хъусдард бæстæйы куыд инфицирады цауты, афтæ мæлынады цауты рæзты æрдгæй. Прогнозмæ гæсгæйæ, декабры фыццаг къуырийы нын уыдзæн цауты нымæцы рæзт æмæ комкоммæ амынд у, уый, цæмæй куы не æрбайсæм кæнæ фæкарзкæнæм арæнæвæрдтæ, уæд гæнæн ис, пик стыр рæстæг аххæсса.
Бирæ æндæр иртасæныл æнцойæ ацы институт бæрæггæнæнтæ рабæлвырд кæны цалдæр стыр институтимæ иумæ. Ацы иртасæнмæ гæсгæйæ, æнæмæнгхъæугæ у, фæкарз кæнæм архайæг регуляциты æххæсткæнынад æмæ ма сæм бафтауæм, ауæрæхдæр сæ кæнæм ранæй-рæтты архайæг арæнæвæрдтæ, куыд гæнæн ис, афтæ карз масштабæй. Зондзыстут æй, ацы уыннаффæтæ исы координацион совет, абоны бирæ фæуынаффæ кодтам ацы фарстæйы фæдыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, райсом дæр адарддæр уыдзæн æмæ æввахс дыууæ бонмæ координацион совет æмбæлгæ уынаффæ рахæсдзæн», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.