Амиран Гамхърелидзе – алы адæймаг, кæцы дыууæхаттонæй вакцинацигонд у, хъуамæ сараза бустер дозæ дæр
Вирусы цауты нымæц цæмæй ма фæфылдæр уа æмæ «омикрон2 эпидемиологион уавæр ма фæфыддæрдæр кæна, иуæй-иу сæйраг рекомендаци у вакцинæты нымæц максималонæй фæфылдæр кæнын. Афтæма сæйраг у, активон бустеризаци – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, дыууæхаттонæй вакцинацигонд æмбæстæгтæн коронавирусы ныхмæ вакцинæйы æртыккаг дозæ æнæмæнгхъæугæ уыдзæн. Гамхърелидзе куыд дзуры афтæмæй, координацион советы æмбæлгæ рекомендаци бавдисдзысты.
Гамхърелидзейы информацийæ, гæнæн ис «Пфайзеры» æмæ «Астразенекайы» цауты, бустер дозæ саразыны æмгъуыдты фæкъаддæр уа.
«Æвæцæгæн иммунизацийы зонадон советы раз æрлæудзæн фарста, ома «Пфайзер æмæ «Астразенекайы» цауы дæр бустер дозæты 5 мæйыон паузæ фæкаддæр уа, уымæн æмæ «омикроны» ныхмæ тохы бустеризаци иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг фæрæз у» – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.