«Аккаг партнер 2018» хайадисæг америкаг æфсæддон техникæ æмæ сæрмагонд сконд нырид Гуырдзыстоны уæвы (видео)

Бирæнацион  ахуырты  «Аккаг партнер 2018»  хайад  райсынæн, Болгарийы, Констанццайы портæй æрвыст  америкаг  згъææртехникæ  нырид  Гуырдзыстоны ис.

Хъахъхъæнынады министры  информацийæ,  АИШ-ы  гарзджын  тыхты  хæцæн згъæртехникæ «Страйкер»   фистæгты   хæцæн  машинæ  «Бредли»,  М1А2 типы   танкъ «Брамс»  æмæ æндæр  типы  æфсæддон  техникæ, Поты  порты сты.

Вазианы   æрдæм   æфсæддон техникæйы   хай   автопоезды   фæрцы,  иннæ  хай та –  йæхихъæдæй  змæлдзæн.

 

Уагдоны  хъусинагæй, АИШ-ы  Европæйы  сæрдарады  згъæнтехникæ, Болгарийы Констанцайы порты   науыл  сæвæрдтой  æмæ   Сау Денджызы уылты  Гуырдзыстоны æрдæм  22  июлы   рараст ис.

Уæлдæфæй  та , Тбилисы  æхсæнадæмон аэропорты  бирæнационалон  ахуырты  хайадисæг   АИШ-ы   Европæйы сæрдарады  II кавалерион   полкъы  сæрмагонд сконд  ныридæгæн æртахтис.   Ахуырты хайадисæг   америкаг   æфсæддæтты хай та,    Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн  31  июлы  онг   этапгай.

Ахуыр официалонæй Вазианы  æфсæддон  аэродромыл  байгом уыдзæн 1 августы.  «Аккаг партнер 2018»  æххæст цæуы Гуырдзыстоны гарзджын тыхты  æмæ АИШ-ы  армийы   европаг сæрдарады  лидердзинадæй.  Ахуырты  сценары   бындурæвæрд у  стабилондзинады,   размæбырст-иргъæвæг  операцитыл.

Информацийы   хæлиу кæны Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министрад.