«Апачты» хæцæн архæйдтытæ «Аккаг Партнер 2018»-ы фæлгæтты [видео-фото]

 

Бирæнацион ахуырты «Аккаг Партнер»  америкаг  бырсæн  авиаци  хæцæн  æхстытæм  ацы аз фыццаг хатт баиу  ис.

Гуырдзыстоны  хъахъъæнынады  министрады  информацийæ,   Вазианы  11-æм  полигоныл, АН-64 «Апачы» типы  хæрдмæтæхæг  комбиниргонд  хæцæн  æхстыты абон  райстой хайад.  Гуырдзиаг æмæ америкаг   згъæрджын  техникæйæн  хæрдмæтæхджытæ  хæстæг артæй  баххуыс  кодтой.

Ахуырты  хайад иста Гуырдызстоны гарзджын тыхты  IV механизацигонд  бригадæйы  згъæртехникæ, АИШ-ы  II  кавалерион  полкъы  хæцæн  згъæрмашинæ  «страйкертæ», фистæгты  хæцæн  машинæ «Бредлитæ»  æмæ «Абрамсы» типы  танкътæ.  Мæнг знагы  æрдæм æхст сырæзщт   алы хуызы  æхсæнгарзæй.

Бирæнацион  æфсæддон  ахуыр,  «аккаг Партнер 2018»,  Гуырдзыстоны  гарзджын тыхты æмæ   АИШ-ы  европаг сæрдарады  разамындæй,  дыууæ къуырийы дæргъы  цæуынц.  Ацы азы  ахуырты  нысан у, стабилондзинады,  хæдиргъæвæн  æмæ  бырсæн  операциты  фæлтæрдты фæхуыздæр кæнын; Гуырдзыстоны, АИШ-ы æмæ партнер бæстæты гарзджын тыхты  цæттæдзинады æмæ  кæрæдзиимæ æмбынатиндзинад сбæрзонддæр кæнын; афтæдæр, сау денджызы  регионы  стабилон æмæ   æдас  уавæры æрфидар кæныны хъуыддагмæ  хайбавæрд у. Ратсдæр уый   тыххæй  ахуырт сæйраг  мессидж у – «Тых Иумæйагдзинады ис».