Гуырдзиаг, америкаг æмæ немыцаг æфсæддæтты уæлдæфон-десантон операци «Аккаг Партнер 2018» [видео]

Гуырдзыстон   бирæнацион  ахуыр,  «Аккаг партнер 2018»  нырид цыппæрæм  хатт фысым кæны. Æхсæнадæмон   ахуыр Вазианы   аэродромыл официалонæй  байгом ис.

Специалонæй  ацы  бонмæ    Гуырдзыстонмæ æрцыдысты  америкаг инæлартæ   АИШ-ы  националон  гвардийы  бюройы  сæргълæууæг,  инæлар Джозеф  Лингел, Джорджиайы  штаты  армийы    националон гвардийы  сæргълæууæг, бригадæйы  инæлар  Ренделл  Симонс  æмæ  АИШ-ы   европаг сæрдарады  сæргълæууæг   инæлар-майор  Джон Гронски.

«Аккаг Партнер 2018»-ы  байгомы  официалон  церемони  адарддæр ис  гуырдзиаг,   америкаг æмæ немыцаг    æфсæддæтты  уæлдæфон десантон  операцийæ.  Десанты къорды  нысан уыдис  иммитацигонд  ныхмæлæууæгы  скуынæг кæнын –  бункерты  расыгъдæг кæнын знагæй.  Операцийы  зонæйы  десантон  бал,  «Сау хъæрццыгъайы»  хæрдмæтæхæгæй  æрхызтис.  Æфсæддæтты  иу хай,   æхстæй æххуыс кодта, иннæ та – маневрты   операцийы сæххæстыл  уыд  бæрнон.

Байгомы официалон  церемонийы кæрон,    хуынд  уазджытæм  уыдзæн фадат  Вазианы  аэродромыл  ахуырты хайадисæг  сæрмагонд скондимæ   аныхас  кæнын  æмæ   техникæйыл цæст ахæссын.   Мадзалыл уыдзысты   æндæр æмæ æндæр   бæрзонд  ахуыргæнæндæтты  студенттæ дæр.

Бирæнацион   æфсæддон   ахуыр абонæй,   15  августы  банымадæй   цæудзæн.  Уым хайад райсдзысты   НАТО-ы уæнг æмæ партнер  13  бæстæ: Гуырдзыстон, АИШ,  Стыр Британи, Германи, Эстони,   Франц,  Лиетувæ, Польшæ,  Норвеги,  Турк, Украинæ, Азербайджан æмæ   Сомихистон.

«Аккаг Партнер 2018»  Гуырдзыстоны    гарзджын тыхты  æмæ   АИШ-ы   армийы   европаг   сæрдарады  лидердзинадæй   цæуы  уагъд.  Бирæнацион ахуыртæн,   сурзæххон æфсæдды  хурыскæсæны  сæргълæууæг,   бригадæй  инæлар Шавлего  Табатадзе   къухдариуæг кæны.  «Аккаг Партнер 2018»   фылдæрегъаумасштабон  у æмæ уым хайад исы  НАТО-ы уæнг  æмæ   партнер бæстæты  3000-æй  фылдæр   æфсæддон.   Райрæзтис  ахуырты  хайадисæг  АИШ-ы  авиацийы  æмæ немыцаг  згъæрджын техникæйы  нымæц дæр.

Бирæнацион   æфсæддон  ахуыр, «Аккаг партнер 2018»-ы  нысан у,   Гуырдзыстоны, АИШ-ы,  æмæ партнер  бæстæты  æхсæн цæттæдзинады  æмæ   æмбынатиндзинады сбæрзонддæр кæнын.   Афтæма   стабилондзинады,  хæдиргъæфхъомад æмæ   бырсæн  операциты  фæлтæрдтæ фæхуыздæр кæнын  æмæ Сау Денджызы бассейны  æдас   уавæр æрфидар кæныны  хъуыддаджы  хайбавæрд.  Растдæр уый  тыххæй,   ахуырты сæйраг  æрвитæггаг у,   «Тых Иудзинады мидæг ис».