Ахуыр «Аккаг Партнер 2018»  райдыдта [фото]
Ахуыр «Аккаг Партнер 2018» райдыдта [фото]

«Тых иудзинады мидæг ис» –  ацы  æрвитæггагæй  Гуырдзыстон   бирæнацион  ахуыр,  «Аккаг партнер 2018»  нырид цыппæрæм  хатт фысым кæны. Æхсæнадæмон   ахуыр Вазианы   аэродромыл официалонæй  байгом ис, цы ран  ахуырты баст  æртындæс дæр  бæстæйы  æфсæддон кусджытæ  æмæ  хайадисæг  техникæ  æрбынат  ис.  Специалонæй  ацы  бонмæ    Гуырдзыстонмæ æрцыдысты  америкаг инæлартæ з  АИШ-ы  националон  гвардийы  бюройы  сæргълæууæг,  инæлар Джозеф  Лингел, Джорджиайы  штаты  армийы    националон гвардийы  сæргълæууæг, бригадæйы  инæлар  Ренделл  Симонс  æмæ  АИШ-ы   европаг сæрдарады  сæргълæууæг   инæлар-майор  Джон Гронски.

Æфсæддон-уынинаг  оркестр сæххæст кодта  Гуырдзыстоны паддзахадон гимн  æмæ   минутон æнæсдзырдæй  скад кодтой   фæмардуæвæг  æфсæддæтты койæн, уый  фæстæ  æфсæддон   кусджыты  раз ралæудзысты  æмæ   æхсæнадæмон    бирæнацион   ахуырты  æмæ   партнерады  нысаниуæгыл  сараздзысты хъусдард  – Гуырдзыстоны  президент  Гиорги Маргвелашвили,  премьер-министр  Мамука Бахтадзе,  парламенты  сæрдар  Ираклий Къобахидзе,  хъахъъæнынады министр  Леван Изориа, генералон  штабы  хистæр,  инæлар-майор  Владимер Чачибаиа,   АИШ-ы  минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Элизабет  Рудд æмæ АИШ-ы  националон   гвардийы   бюройы  хистæр,  инæлар  Джозеф  Лингел.

Байгомы официалон  церемонийы кæрон,    хуынд  уазджытæм  уыдзæн фадат  Вазианы  аэродромыл  ахуырты хайадисæг  сæрмагонд скондимæ   аныхас  кæнын  æмæ   техникæйыл цæст ахæссын.   Мадзалыл уыдзысты   æндæр æмæ æндæр   бæрзонд  ахуыргæнæндæтты  студенттæ дæр.

Бирæнацион   æфсæддон   азуыр абонæй,   15  августы  банымадæй   цæудзæн.  Уым хайад райсдзысты   НАТО-ы уæнг æмæ партнер  13  бæстæ: Гуырдзыстон, АИШ,  Стыр Британи, Германи, Эстони,   Франц,  Лиетувæ, Польшæ,  Норвеги,  Турк, Украинæ, Азербайджан æмæ   Сомихистон.

«Аккаг Партнер 2018»  Гуырдзыстоны    гарзджын тыхты  æмæ   АИШ-ы   армийы   европаг   сæрдарады  лидердзинадæй   цæуы  уагъд.  Бирæнацион азуыртæн,   сурзæххон æфсæдды  хурыскæсæны  сæргълæууæг,   бригадæй  инæлар Шавлего  Табатадзе   къухдариуæг кæны.  «Аккаг Партнер 2018»   фылдæрегъаумасштабон  у æмæ уым хайад исы  НАТО-ы уæнг  æмæ   партнер бæстæты  3000-æй  фылдæр   æфсæддон.   Райрæзтис  ахуырты  хайадисæг  АИШ-ы  авиацийы  æмæ немыцаг  згъæрджын техникæйы  нымæц дæр.

Бирæнацион   æфсæддон  ахуыр, «Аккаг партнер 2018»-ы  нысан у,   Гуырдзыстоны, АИШ-ы,  æмæ партнер  бæстæты  æхсæн цæттæдзинады  æмæ   æмбынатиндзинады сбæрзонддæр кæнын.   Афтæма   стабилондзинады,  хæдиргъæфхъомад æмæ   бырсæн  операциты  фæлтæрдтæ фæхуыздæр кæнын  æмæ Сау Денджызы бассейны  æдас   уавæр æрфидар кæныны  хъуыддаджы  хайбавæрд.  Растдæр уый  тыххæй,   ахуырты сæйраг  æрвитæггаг у,   «Тых Иудзинады мидæг ис».