Америкайаг  «Страйкертæ»  Вазианийы æрдæм - фотохабар
Америкайаг «Страйкертæ» Вазианийы æрдæм - фотохабар

Бирæнацион  ахуыртæ  «Аккаг Партнер 2018»-ы  хайадисæг  америкаг   хæцæн   згъæнмашинæйы  – «Страйкеры» къанвой, Сенакæй  Вазианийы  æрдæм  маршæй  ацыд  æмæ  Гуры  центрмæ бахызт, цы ран æмбæстæгтæм уыдис  фадат,   æфсæддон техникæйыл цæст ахссын  æмæ  зырдылдарæн къамтæ  айсын.  «Страйкертæ»  баиу уыдзысты  ахуыртæм.

Афтæма,  Гуырдзыстонмæ нырид æрхæццæ ис  ахуырты  хайадисæг  немыцаг техникæ  æмæ сæрмагонд  сконд.

Гуырдзыстон,  бирæнацион  æфсæддон ахуыр «Аккаг Партнер 2018»-æн, сфысым  кæндзæн 1-æй  – 15-æм августы  онг.  Ахуыртæ  цæудзысты Вазианийы  æфсæддон   аэродромыл, Вазианийы   полигоныл æмæ  Нориойы  ахуырадон  базæйыл. Ахуырты   хайад исынц,  НАТО-ы  уæнг  æмæ  партнер  13  бæстæйы 3000-æй  фылдæр  æфсæддон.

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Къамтæ айста – Ираклий Геденидзе