АИШ-ы хъахъхъæнынады тасы фæкаддæры фæдыл  агентады организацигонд  быдырон-практикон ахуыр, кæцыйæн сфысым кодта ПÆК,  официалонæй  фæцис
АИШ-ы хъахъхъæнынады тасы фæкаддæры фæдыл агентады организацигонд быдырон-практикон ахуыр, кæцыйæн сфысым кодта ПÆК, официалонæй фæцис

Гуырдзыстоны  паддзахадон   æдасдзинады куыст сфысым кодта масштабон  мадзалæн, быдырон практикон  æхсæнуагдонон  ахуыртæн. ПÆК-ы  информацийæ,  æнтыстджын  ахуыртæн сæ нысан уыд  химикон, биологион, радиацион  æмæ атомон  тасы хæлиукæнынады ныхмæ тох. Уыимæ, сæ информацийæ,   ахуыр цыд АИШ-ы хъахъхъæнынады    тас фæкаддæры  агентады (DTRA)  организацигондæй  æмæ йæм цæст дартта Америкæйæ æрцæугæ  бал.

ПÆК-ы информацийæ, гуырдзиаг хайадтæ  америкаг  экспертты  къордтæй  сегасдæр бæрзонд  æргълæвæрд райстой.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ  Гуырдзыстоны паддзахадон æдадсзинады куысты æмæ АИШ-ы   хъахъхъæнынады  тас фæкаддæры  агентадимæ  бирæазон  æмгуыстады  фæстиуæгæн гуырдзиаг  спец-куыст нысаниуæгджынæй  сбæрзонддæр кодта    профессион фæлтæрдтæ, æмбæлгæ  хайадтæ   ифтонггонд сты специалон ифтонггæрзтæй  æмæ  æнтыстджынæй кусынц,  химикон, биологион,  атомон æмæ радиацион   æдасдзинады,  рæмудзæн гарзæгты сæнæзианхъом кæныны æмæ  массон скуынæгы  хæцæнгарз æнæахæлиуы сферæйы.

Ахуырты фæстæ,   хайдаисджытæм лæвæрд  уыд  специалон сертификаттæ  æмæ  номон монетæтæ.  Фæуды  церемони  ацыд   паддзахадон æдасдзинады  куысты  ахуырадон центры.

«Ахуырты процессы  дырыс æвдыст уыд  уæлвæтк  уавæрты хъомысджын уагдæтты æхсæн  координацигонд   куысты нысаниуæг. Æхсызгон у   нæ бæстæйы  спец-куыстытæ   æнтыстджынæй   кæй  сыххæст кодтой,  сæ рардтæ  æмæ   равдыстой  сæ  цæттæдзинады  бæрзонд æмвæзад», – райхъусын кодта  ПÆК-ы  хистæры  хæдивæг  инæлар-майор  Гига Николеишвили.