Уæрæсейы хъахъхъæнынады  уагдоны  хъусын кæнынц, ома  хуссары æмæ ныгуылæны æфсæддон зылдты  гарзджын тыхтæ   дсилокацийы бынæттæм здæхын райдыдтой
Уæрæсейы хъахъхъæнынады уагдоны хъусын кæнынц, ома хуссары æмæ ныгуылæны æфсæддон зылдты гарзджын тыхтæ дсилокацийы бынæттæм здæхын райдыдтой

Уæрæсейы  хуссары æмæ  ныгуылæны  æфсæддон   зылдтæ ахуырты фæстæ  гарзджын тыхты дислокацийы  бынæттæм  здæхын райдыдтой – уый фæдыл  Уæрæсейы  Федерацийы  хъахъхъæнынады министрады  минæвар  Игорь Конашенков  фехъусын кодта.

Конашенковы дзырдæй,   дислокацийы бынæттæм здæхынц  уыцы   хайадтæ, кæцытæ  ахуырты  хайад исын фесты.

«Хуссары æмæ нуыгуылæны  æфсæддон   зылдты  дæлхайадтæ, хæслæвæрд сыххæсты фæстæ   райдыдтой  æфсæнвæндагон  æмæ автомобилон  транспортмæ  бадын æмæ  абон се æфсæддон  гарнизоны рдæм араст уыдзысты»  райхъусын кодта Конашенков.

Афтæма  информацийы фæнысангонд равзæрæны хъусинагæй, Уæрæсе-Белорусы  ахуыртæ  дарддæр кæнынц.   Масштабон  ахуырты  баст сты зæгъæн ис  алы æфсæддон  зылдтæ  æмæ уæлдæфон-десантон  тыхтæ.  19 февралы  «Обуз-Лесновкæйы»  полигоныл хæцæн æхстыты  этап  райдайдзæн.  Уырдæм цæстдарджыты статусæй  хуынд сты Белорусы уæвæг  фæсарæйнаг бæстæты  æфсæддон  атташетæ æмæ  медийы  минæвæрттæ.  Уæрæсе-Белорусы иумæйаг  ахуыртæ  20 февралы фæуыдзысты.