АИШ-ы паддзахадон департамент - лæмбынæг нæ цæст дардзыстæм уымæ, цæмæй куыд уадзы гуырдзиаг фарс фæдæвзарæн Мухтарлыйы хъуыддагыл
АИШ-ы паддзахадон департамент Гуырдзыстонмæ æрсидтис, цæмæй Афган Мухтарлыйы скъæфты хъуыддагыл фæдæвзарæн, æххæстæй, рухсдзыдæй æмæ афоныл сараза.
«Мах лæмбынæг нæ цæст дардзыстæм уымæ, цæмæй куыд уадзы гуырдзиаг фарс фæдæвзарæн скъæфты хъуыддагыл» – дзырдæуы АИШ-ы паддзахадон департаменты пресс-спикеры Хизер Науерты фидиуæны.
Вашингтон афтæдæр æрсидтис Азербайджаны хицауадмæ, ссæрибар кæна Афган Мухтарлыйы æмæ алы уыцы адæймагы, кæцытæ фундаментон сæрибардзинæдты тыххæй сты ахст.
Азербайджайнаг журналист Афган Мухтарлыйæн, Белаканы тæрхондон, æхсæз азы æмгъуыдмæ ахст стæрхон кодта.