АИШ-ы паддзахадон департамент  райы  Гуырдзыстоны  парламент конституцион ивддзинæдтæ  кæй  сфидар кодта уымæй
АИШ-ы паддзахадон департамент райы Гуырдзыстоны парламент конституцион ивддзинæдтæ кæй сфидар кодта уымæй

АИШ-ы   паддзахадон департамент  Гуырдзыстоны парламент  конституцион ивддзинæдтæ  кæй  сфидар кодта уый  кой кæны.

Фидиуæны мидæг дзырдæуы,  цæмæй   АИШ-æ  райы   Гуырдзыстон, историон  конституцион  ивддзинæдтæ кæй  сфидар кодта,  кæцы  сифтонг  кæндзæн  пропорциондæр  æвзарæнон системæ.

«Ацы ивддзинæдтæ  ист уыдысты  8 марты   нысаниуæгджын бадзырды  фæстиуæгæн, кæцы сырæзт  сæйраг  политикон   партиты æхсæн.  Ивддзинæдтæ  ахъаз уыдзысты  стабилондзинад фæфидар кæнынæн æмæ  парламентон плюрализмæн  откбярьмæ пълангонд  парламентон æвзæрстытыл.

Курæг стæм Гуырдзыстоны парламентæй,   райсæт   æвзарæнон реформæйы  закъондæттынад, кæцы æххæст уыдзæн  ЕÆÆО-ы, демокративон  институтты æмæ адæймаджы барты  офисы рекомендацитæй.  Курæг стæм Гуырдзыстоны  хицауадæм, эффективонæй  скеусын кæна  ахæм закъондæттынад» – дзырдæуы  фидиуæны.

Афтæма  АИШ-ы  паддзахадон департаменты  фидиуæны банысангонд у, цæмæй  Гуырдзыстоны демокративон  рæзынадæн скуыддзаггæнæг  фæлварæн уыдзæн   сæрибар,  рæстаг æмæ  рухсдзыд  æвзарæнон процесс ауадзын, кæцы æвдисдзæн гуырдзиаг адæмы фæнд.

«Разæвзарнон  æмæ  æвзæрстыты  фæстæ периодты рæстагдзинад  афтæ  нысаниуæгджын у, куыд æвзæрстыты  бон.  АИШ-æ дарддæр кæндзæн Гуырдзыстоны тыхархайдæн æххуыс  демократийы  фæтынг кæныны, æвзарæнон   практикæйы, закъоны сæйрагдзинады, афтæ  куыд, бирæ  уæрæхдæр  евроатлантикон  тырнынадты, кæцы сегасдæр хуыздæр  хæдиргъæф у Уæрæсейы агрессийæ» –  дзырдæуы  фидиуæны.