АИШ-ы паддзахадон департамент – курæг стæм оппозицийæ, бацæуæд парламентмæ, бойкоты æркуырд у раздæр фенгæ фильмау
Курæг стæм оппозицийæ, бацæуæд парламентмæ, ауадзæт уыцы æвзарæнон ивддзинæдтæ, кæцы ифтонг кæндзæн уый цæмæй æвзæрстыты фæстиуджытæ уа хуыздæр, нæдæр мах æмæ нæдæр сæхæдæг, нал фендзыстæм ацы æвзæрстытыл цы халындзинæдтæ уыд уыдон–банысан ис Тбилисы, АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвæртты брифингыл, кæцыйыл департаменты официалон уæнгтæ, Гуырдзыстоны ацæугæ æвзæрстыты фæдыл ныхас кодтой.
«Уыдон та фæстæмæ бойкот куы курынц уымæ кæсын у, раздæр цы фильм федтам уый æнгæс. Курæг стæм оппозицийæ, бацæуæд парламентмæ, ауадзæт уыцы æвзарæнон ивддзинæдтæ, кæцы ифтонг кæндзæн уый цæмæй æвзæрстыты фæстиуджытæ уа хуыздæр, нæдæр мах æмæ нæдæр сæхæдæг, нал фендзыстæм ацы æвзæрстытыл цы халындзинæдтæ уыд уыдон. Айимæ сты разы Америкæйы æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ – æрыздахой сæ бадзырдты фынгмæ, махæн нæ фæлæ сæхицæн амал ссарынæн, сахуыр уæт куыд бакусой иумæ, уымæн æмæ сæ парламенты иумæ кусын бахъæудзæн, ныффыссæт программæ, парламенты бонвæтк, кæцы æххæсдзæн нысаниуæгджын æвзарæнон ивддзинæдтæм æмæ централон æвзарæнон комиссийы нысаниуæгджын реформæмæ. Стæй та ног æвзæрстытæ ауадзыны цауы, уын уыдзæн бирæ æууæнкагдæр фæидиуæг, кæцымæ æууæнк уыдзæн алкæмæ æмæ ахæм фарстæтæ нал сæвзæрдзысты» – загъдæуыд брифнгыл, кæцыйы фæдыл æрмæг АИШ-ы паддзахадон департаменты веб-фарсыл æрцыд æвæрд.
Паддзахадон департаменты минæвары дзырдæй, зæгъгæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар растдæр уый тыххæй æмбæлы æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ, тæрхонон реформæйы фарстатыл, цæмæй тæрхондон ахсджиаг бынат ахсы æвзарæнон даутæ аскуыддзагы хъуыддаджы.
«Растдæр уый тыххæй æмбæлы паддзахадон нымæрдар æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ тæрхонон реформæты фæдыл, уымæн æмæ фундаментонæй, зæгъгæ куы уыдаит æцæгæй дæр хæдбар расттæрхоны системæ, æвзарæнон хъастытæ, кæцыты оппозици бахаста, аскуыддзаг уыдаиккой тæрхондоны æмæ адæммæ дæр фæстиуджытыл æууæнк уыдаит. Ныр та уыдон сидынц ЦÆК-мæ æмæ уый фæстæ иуæй-иу хъаст гæнæн ис æрвыст æрцæуа тæрхондонмæ, бирæтæ дзы тæрхондоны кастæуынц ацытæккæ. Фæлæ уый тыххæй цæмæй, оппозицийы хай ацы процессыл не ууæнды, уыдзæн уый Цæк-ы æви тæрхондоны, уыдон къуымауы сты» – райхъусын кодта паддзахадон департаменты минæвар.