АИШ-ы паддзахадон департамент - АИШ цæттæ у æххуыс кæна демократон, æдас æмæ æнтыстджын Гуырдзыстонæн
АИШ-ы паддзахадон департамент «Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиайы æрцахсты æмæ Гуырдзыстоны цæугæ политикон процессты кой кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, АИШ-æ цæттæ у æххуыс кæна демократон, æдас æмæ æнтыстджын Гуырдзыстонæн.
«АИШ-ы тынг сагъæс кæнынц оппозицийы лидер Ника Мелиайы æмæ Гуырдзыстоны оппозицийы æндæр уæнгты æрцахстæй.
Поляризацигæнæг риторикæ, тыхæй архайын æмæ агресси, Гуырдзыстоны, политикон æнæразыдзинады аскуыддзагæн нæ бæззынц.
Сидæм алы фарсмæ, сæхиуыл хæцæт ахæм архæйдтæй, кæцытæ гæнæн ис ныттынгонд уавæр фæкарз кæной æмæ баиу уæт цæсгомджын бадзырдтæм, цæмæй алыг кæнæт политикон кризис.
АИШ цæттæ у æххуыс кæна демократон, æдас æмæ æнтыстджын Гуырдзыстонæн» – дзырдæуы фидиуæны.