АИШ-ы Конгрессы æддаг хъуыддæгты комитет æмæ Гуырдзыстоны  хæлæртты къорд  Гуырдзыстоны политикон уавæры сæвдæлон кæныны сидтæй  ралæууыдысты
АИШ-ы Конгрессы æддаг хъуыддæгты комитет æмæ Гуырдзыстоны хæлæртты къорд Гуырдзыстоны политикон уавæры сæвдæлон кæныны сидтæй ралæууыдысты

АИШ-ы Конгрессы æддæ хъуыддæгты  комитет æмæ  Гуырдзыстоны  хæлæртты къорд  Гуырдзыстоны политикон уавæры сæвдæлон кæнынмæ сидтæй  ралæууыдысты.

Æмбæлгæ фидиуæныл къух æвæрынц  минæвæртты палатæйы  æддаг хъуыддæгты комитеты  сæрдар  Грегори Миск, комитеты  акæнæг  республикаг  уæнг  Макл  Маккол, Конгрессы  Гуырдзыстоны хæлæртты  къорды æмсæрдæрттæ, конгрессментæ   Джерри Конноли æмæ Адам Кинзингер.

«Гуырдзыстоны хæлæрттæн, Гуырдзыстонæн  йæ фарс рагæй  чи хæцæм уыдонæн, знон Тбилисы  айтынггонд фæзындтæм кæсын уыд æрхуын æфтауæг.  Гуырдзиаг адæм азты дæргъы цы уæззау  куыст  кодтой  фидар æмæ  æнтыстджын демократий саразынæн,  уый,  уæлдайджын тыхæй  спайдакæныны æмæ  æнæдемокративон  архæйдтыты  тыххæй   серьозон тасы раз  ралæууыд.  Политикон  æнæразыдзинады   сабырæй  алыгы нысанæн, курæг стæм  «Гуырдзиаг Бæллиццы» лидертæй, ивтыгъд  суадзæт уавæрæн æмæ  бакусæт «Иугонд националон Змæлд»  æмæ æндæр   оппозицион   партитимæ,  цæмæй  Гуырдзыстоны æрыздæха  тыхджын  демократон  фидæны  арæзтады фæндагмæ. Дызæрдыг кæнæм, цæмæй  æндæр чысыл партитимæ кусын æнæхъомыс,  куылымпыгæнæг уыдзæн  уыцы   прогрессæн, кæцымæ Гуырдзыстон æрцыдис  Евроцæдисы æмæ НАТО-имæ  æнгом  ахастыты рдгæй», –  дзырдæуы фидиуæны.