Æрдзы националон агентад – 9 сентябрæй æнхъæлмæкæсинаг у температурæйы нысаниуæгджынæй фæуазал æмæ уæлхох регионты гæнæн ис митуард уа
Æрдзы националон агентад – 9 сентябрæй æнхъæлмæкæсинаг у температурæйы нысаниуæгджынæй фæуазал æмæ уæлхох регионты гæнæн ис митуард уа

Æрдз националон  агентад   æнхъæлмæкæсинаг  боныгъæды фæдыл  публикаци кæны  информаци.

Агентады  куыд хъусын кæнынц афтæмæй,   9 сентæбрæй   æнхъæлмæкæсинаг  у уæлдæфы  температурæйы нысаниуæгджын  фæныллæг  æмæ уæлхох регионты та  гæнæн ис митуард  уа.

«7 сентябры боны дыккаг æрдæгæй  Ачаъарайы, Рачъа-Лечхумы, гуриайы, Имереты, Самцхе-Джавахеты, Мцхета-Мтианеты  æмæ Къахеты   регионты æнхъæлмæкæсинаг у  тæркъæвда, арвнæрд,  ранæй-рæтты  ихуарын.  8 сентябры  бонæй  дæлдзырæтты интенсивондзинад абаргæйæ  фæсындæг уыдзæн, æрмæст  9 сентбярæй 10  сентбяры  сæумæрайсоммæ,  ныгуылæн Гуырдзыстоны  фылдæр æмæ хурыскæсæн Гуырдзыстоны иуæй-иу  районы  уыдзæн  тыхджын дæлдзырæттæ,  арвнæрд  æмæ ихуарын.  Дымдзæн  ныгуылæны  æрдæмады  уад.  Денджызыл  гæнæн ис 3-4  баллы  йас   шторм уа.

9 сентябрæй  æнхъæлмæкæсинаг  у   уæлдæфы  температруæйы нысаниуæгджын фæуазал æмæ уæлхох регионты  гæнæнис митуард дæр уа.  Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ  Гуырдзыстоны  цæугæдæттыл гæнæн ис   расайа  доны  бæрзæнды нысаниуæгджын  рæзт,  чысыл цæугæдæтты донивылдтытæ, æрмæст  уæлхох  зонæты та  сыджыт-лæсæнон  процессты  сæвзæрд-активаци расайа», –   дзырдæуы  æрдзы националон агентады  информацийы.